1 Цагъарады ӕфсондзы бын чи ис, уыцы цагъартӕ хъуамӕ алы ӕгъдауӕй дӕр нымайой сӕ хицӕутты, Хуыцауы номмӕ ӕмӕ нӕ ахуырадмӕ фау ӕрхӕссӕн куыд нӕ уа, афтӕ. 2 Уырнӕг хицӕуттӕ кӕмӕн ис, уыдон сӕм ницӕмӕ дарыны цӕстӕй ма кӕсӕнт, се 'фсымӕртӕ кӕй сты, уый тыххӕй. Уый нӕ, фӕлӕ сын хъуамӕ кусой ноджы ӕнувыддӕрӕй, уымӕн ӕмӕ кӕмӕн лӕггад кӕнынц, уыдон уырнджытӕ ӕмӕ уарзон ӕфсымӕртӕ сты. Ууыл ахуыр кӕн уырнджыты, араз сӕ ахӕм зондыл. 3 Ӕндӕр ахуырад чи амоны, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы раст ныхӕстыл ӕмӕ ӕцӕг уырнындзинадӕй рацӕугӕ ахуырадыл чи нӕ хӕцы, 4 Уый у сӕрыстыр, ницы зоны, сӕйы ӕнӕхъуаджы дзӕнгӕда ӕмӕ быцӕуныхӕсты низӕй. Ахӕм быцӕутӕ расайынц хӕлӕг, хъаугъатӕ, фыдгой, гуырысхойы ӕфтауӕг хъуыдытӕ, 5 Ӕнӕбанцайгӕ хъӕлӕбатӕ. Ӕмхиц сӕм чи у, уыдонӕн сӕ зонд ныззыгъуыммӕ, ныууагътой ӕцӕгад, сты ахӕм хъуыдыйыл хӕст, цыма уырнындзинад ӕфтиаг райсынӕн у. [Ахӕмтӕм ӕмгӕрон ма цу.] 6 Уырнындзинад та хъӕздыг кӕны, цы йӕм ис, уый фагыл чи нымайы, уыцы адӕймаджы. 7 Уымӕн ӕмӕ мах дунемӕ ницы ӕрхастам, ӕмӕ дзы нӕ бон ницы ахӕссын бауыдзӕн. 8 Фӕлӕ нын хойраг ӕмӕ дарӕс куы уа, уӕд уый фагыл хъуамӕ нымайӕм. 9 Бирӕ мулкмӕ чи бӕллы, уыдон та бахауынц къӕппӕджы, фӕлварӕнты, ӕмӕ фӕвӕййынц, бӕллӕх ӕмӕ бынсӕфтмӕ чи ӕркӕны, бирӕ ахӕм ӕнӕзонд ӕмӕ фыдбылызы мондӕгты амӕддаг. 10 Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт фыдбылызтӕн сӕ уидаг ӕхцайы бӕллиц у. Ӕхцамӕ бӕлгӕйӕ, иуӕй-иутӕ фӕхауӕггаг сты уырнындзинады фӕндагӕй ӕмӕ сӕхи бафтыдтой бирӕ хъизӕмӕртты. 11 Ды та, Хуыцауы адӕймаг, дӕхи бахиз ӕппӕт уыдӕттӕй. Тырн рӕстадмӕ, Хуыцауӕн фӕндиаг цардмӕ, уырнынадмӕ, уарзтмӕ, фӕразон ӕмӕ ӕвӕлмас уӕвынмӕ. 12 Ӕнувыдӕй тох кӕн уырнындзинадыл, фидар хӕц мыггагмӕйы цардыл. Уыцы цардмӕ дӕ ӕрхуындӕуыд, ӕмӕ йӕ сӕраппонд дӕ уырнындзинады тыххӕй ӕргомӕй загътай бирӕ ӕвдисӕнты раз. 13 Алкӕмӕн дӕр цард Чи дӕтты, уыцы Хуыцауы раз, стӕй Понтий Пилатӕн ӕцӕгады тыххӕй ӕргомӕй Чи загъта, уыцы Йесо Чырыстийы раз дын фӕдзӕхсын: 14 Ӕппӕт амындтӕ ӕнувыдӕй ӕмӕ ӕнӕфауӕй ӕххӕст кӕн суанг нӕ Хицау Йесо Чырыстийы ӕрцыдмӕ. 15 Уыцы ӕрцыд уыдзӕн йӕ рӕстӕджы, тӕхудиаг ӕмӕ иунӕг Дунедарӕджы, паддзӕхты Паддзахы ӕмӕ хицӕутты Хицауы фӕндонмӕ гӕсгӕ. 16 Уый у, бацӕуӕн кӕдӕм нӕй, ахӕм рухсы Чи цӕры, адӕмӕй Кӕй ничи федта ӕмӕ фенӕн Кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцау. Ӕнӕмӕлгӕ цард ӕрмӕст Уымӕ ис. Намыс ӕмӕ Йын паддзахад уӕд мыггагмӕ! Амен. 17 Ацы царды бонджын чи у, уыдонӕн бацамон, цӕмӕй сӕхиуыл ма фервӕссой ӕмӕ ныфсджын уой, зӕрдӕ дарӕн цы мулкыл нӕй, уымӕй нӕ, фӕлӕ нын зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн ӕппӕт дӕр парахатӕй Чи дӕтты, уыцы [цардӕгас] Хуыцауӕй. 18 Уыдон аразӕнт хорз хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ уыцы хорз хъуыддӕгтӕ уӕнт сӕ хъӕздыгдзинад; уадз ӕмӕ уой рӕдау ӕмӕ зӕрдӕхӕлар; 19 Ӕмбырд кӕной, фидӕнӕн ӕнӕфӕцудгӕ бындур чи у, уыцы хӕзна, цӕмӕй райсой ӕцӕг цард. 20 О Тимофей, цы дын баргонд ӕрцыди, уый бахъахъхъӕн. «Зонынад» кӕй хонынц, ӕцӕгӕй та зонынадимӕ иумӕйагӕй кӕмӕн ницы ис, уый фӕдыл ӕлгъаг дзӕгъӕлы ныхӕсты ӕмӕ ӕнӕзонд быцӕуты ӕмгӕрон ма цу. 21 Иуӕй-иутӕ дзурынц, цыма сӕм ис уыцы «зонынад», афтӕмӕй та уырнындзинады фӕндагӕй адзӕгъӕл сты. Хуыцауы хорзӕх уӕ уӕд.
