1 Зӕронд лӕгмӕ тызмӕгӕй ма дзур, фӕлӕ йын амон, цыма дӕ фыдӕн; ӕрыгӕттӕн амон, цыма де 'фсымӕртӕн; 2 Зӕронд устытӕн – цыма дӕ мадӕн; ӕрыгӕттӕн – цыма дӕ хотӕн, дӕ зӕрдӕ сыгъдӕг куыд уа, афтӕмӕй. 3 Ӕххуыс кӕн, иунӕгӕй чи баззад, уыцы идӕдз сылгоймӕгтӕн. 4 Фӕлӕ кӕд идӕдзӕн ис сывӕллӕттӕ кӕнӕ цоты цот, уӕд уыдон фыццаг сахуыр уӕнт хи хӕдзары сӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисыныл ӕмӕ ныййарджытӕн сӕ хорз хорзӕй фидыныл – уый Хуыцауӕн фӕндон у. 5 Иунӕгӕй чи баззади, уыцы идӕдз ус йӕ зӕрдӕ дары ӕрмӕст Хуыцауыл, ӕхсӕвӕй-бонӕй кувы ӕмӕ куры. 6 Ирхӕфсӕнтӕ уарзаг идӕдз ус та цӕрдудӕй мард у. 7 Амон сын ӕппӕт уыдӕттӕ, цӕмӕй сӕ цард уа ӕнӕфау. 8 Хионтыл, уӕлдайдӕр та йӕ бинонтыл чи нӕ тыхсы, уый ныууагъта уырнындзинад ӕмӕ ӕнӕуырнӕгӕй фыддӕр у. 9 Идӕдзты номхыгъдмӕ бахӕссӕн ис, ӕппынкъаддӕр ӕртиссӕдз азы кӕуыл цӕуы ӕмӕ иу мой кӕмӕн уыд, ахӕм сылгоймӕгты. 10 Алчидӕр сӕ хъуамӕ зындгонд уа йӕ хорз хъуыддӕгтӕй: схъомыл кодта сывӕллӕттӕ, бӕлццӕттӕн уыд фысым, сыгъдӕджытӕн ӕхсадта сӕ къӕхтӕ, ӕххуыс кодта иннӕтӕн сӕ зынты – алы хорз хъуыддагмӕ дӕр ӕмхиц. 11 Ӕрыгон идӕдз сылгоймӕгты та номхыгъдмӕ ма хӕсс, уымӕн ӕмӕ сӕ монцтӕ Чырыстийӕ уӕлдӕр куы сӕвӕрынц, уӕд сӕ бафӕнды моймӕ фӕцӕуын. 12 Афтӕмӕй свӕййынц азымджын, уымӕн ӕмӕ фӕсайынц, раздӕр кӕй радтой, сӕ уыцы дзырд. 13 Уыимӕ ма фӕцалх вӕййынц ӕвдӕлон цардыл ӕмӕ хӕдзари-хӕдзар зилыныл; свӕййынц канд ӕвдӕлон нӕ, фӕлӕ дзӕгъӕлдзых, сӕхи тъыссынц кӕйдӕр хъуыддӕгты, фӕдзурынц, цы не 'мбӕлы, уыдӕттӕ. 14 Уымӕ гӕсгӕ мӕн фӕнды, цӕмӕй ӕрыгон идӕдз устытӕ цӕуой моймӕ, арой сывӕллӕттӕ, уынаффӕ кӕной сӕ хӕдзӕрттӕн ӕмӕ ныхмӕлӕууӕгӕн мацы фадат дӕттой фауынӕн. 15 Уымӕн ӕмӕ иуӕй-иутӕ ныридӕгӕн адзӕгъӕл сты хӕйрӕджы фӕдыл. 16 Кӕд уырнӕг сылгоймагӕн ис хӕстӕг идӕдз устытӕ, уӕд сӕ хӕссӕд йӕхӕдӕг ӕмӕ аргъуаны ма тыхсын кӕнӕд, цӕмӕй аргъуан ӕххуыс кӕна иунӕгӕй баззайӕг идӕдз устытӕн. 17 Нывыл разамынд цы аргъуаны хистӕртӕ дӕттынц, уыдонӕн фылдӕр аргъ кӕнын хъӕуы, Хуыцауы ныхас амоныныл ӕмӕ ахуыр кӕныныл чи кусы, уӕлдайдӕр уыдонӕн. 18 Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Найгӕнӕг галӕн йӕ дзых бастӕй ма дар», ӕмӕ: «Алы фӕллойгӕнӕг дӕр хъуамӕ райса йӕ мызд». 19 Аргъуаны хистӕрыл цы хъаст ӕрбацӕуа, уымӕ ма байхъус, дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны куы нӕ уа, уӕд. 20 Тӕригъӕды ӕфтыд чи у, уыдонӕн уайдзӕф кӕн ӕппӕт аргъуаны раз, цӕмӕй тӕрсой иннӕтӕ дӕр. 21 Хуыцауы, Йесо Чырыстийы ӕмӕ ӕвзӕрст зӕдты раз дӕуӕн фидарӕй фӕдзӕхсын уыцы амындтӕ ӕххӕст кӕнын; уыимӕ макӕй хъулон кӕн, алкӕмӕ дӕр кӕс иухуызон цӕстӕй. 22 Искӕуыл къух ӕрӕвӕрынмӕ ма батагъд кӕн, цӕмӕй ма схайджын уай кӕйдӕр тӕригъӕдӕй; дӕхи бахиз счъизийӕ. 23 Нырӕй фӕстӕмӕ нуаз ӕрмӕст дон нӕ, фӕлӕ иучысыл сӕн дӕр, дӕ ахсӕн кӕй риссы ӕмӕ арӕх рынчын кӕй вӕййыс, уый тыххӕй. 24 Иуӕй-иутӕн сӕ тӕригъӕдтӕ тӕрхоны агъоммӕ дӕр бӕлвырд сты, иннӕтӕн та фӕстӕдӕр раргом вӕййынц. 25 Афтӕ бӕлвырд сты хорз хъуыддӕгтӕ дӕр, фӕлӕ кӕд бӕлвырд не сты, уӕд дӕр нӕ басусӕг уыдзысты.
