1 Хуыцауы Уд бӕлвырд зӕгъы: рӕстӕджы кӕрон бирӕтӕ ныууадздзысты уырнындзинад, баууӕнддзысты фӕлитой удтыл ӕмӕ дӕлимонты ахуырӕдтыл. 2 Ахӕм ахуырӕдтӕ хӕлиу кӕнынц, йе 'фсарм чи бахордта, уыцы мӕнгард цӕстмӕхъустӕ. 3 Уыдон нӕ уадзынц ус курын, нӕ дӕттынц бӕлвырд хойрӕгтӕ хӕрыны бар; афтӕмӕй та сӕ Хуыцау уымӕн сфӕлдыста, цӕмӕй сӕ бузныгӕй хӕрой, чи Йыл баууӕндыд ӕмӕ ӕцӕгад чи базыдта, уыдон. 4 Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уый у хорз ӕмӕ аппаринаг нӕу, бузныгӕй йӕ куы хӕрай, уӕд, 5 Уымӕн ӕмӕ ссыгъдӕг вӕййы Хуыцауы ныхасӕй ӕмӕ кувынӕй. 6 Уыдӕттӕ амон ӕфсымӕртӕн, ӕмӕ уыдзынӕ, уырнындзинады ныхӕстӕй, стӕй цы арфӕйаг ахуырадыл ныххӕцыдтӕ, уый ныхӕстӕй йӕхи чи хӕссы, Йесо Чырыстийы уыцы хорз кусӕг. 7 Ӕлгъаг ӕмӕ ӕнӕзонд аргъӕутты ӕмгӕрон та ма цу, фӕлӕ фӕлвар Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрыныл. 8 Уымӕн ӕмӕ буар фӕлварын уадиссаг пайда нӕ дӕтты, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрын та алцӕмӕй дӕр пайда у – зӕрдӕ ӕвӕры абоны цардӕй дӕр ӕмӕ фидӕны цардӕй дӕр. 9 Ацы ныхас ӕцӕг у ӕмӕ йыл ис ӕнӕгуырысхойӕ баууӕндӕн. 10 Уыцы царды сӕраппонд у нӕ фӕллой ӕмӕ нӕ тох, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕ цардӕгас Хуыцауыл дарӕм; Хуыцау та ӕппӕт адӕмӕн, уӕлдайдӕр уырнджытӕн, Ирвӕзынгӕнӕг у. 11 Амон афтӕ ӕмӕ ууыл ахуыр кӕн иннӕты. 12 Ӕвзонг кӕй дӕ, уый тыххӕй дыл ӕнӕрвӕссон мачи уӕд. Уырнджытӕн у фӕзминаг дӕ ныхасӕй, дӕ цардӕй, дӕ уарзтӕй, дӕ уырнындзинадӕй, ӕнӕкъӕм кӕй дӕ, уымӕй. 13 Ме 'рцыдмӕ кӕс Сыгъдӕг Фыст, амон ӕмӕ ахуыр кӕн иннӕты дӕр. 14 Аргъуаны хистӕртӕ дыл сӕ къухтӕ куы ӕрӕвӕрдтой, уӕд дын пехуымпар ныхасмӕ гӕсгӕ Хуыцау цы курдиат радта, уымӕ уазал цӕстӕй ма кӕс. 15 Де 'ргом аздах ӕппӕт уыдӕттӕм, дӕхи сын снывонд кӕн, цӕмӕй алчидӕр уына де 'нтыст. 16 Кӕс лӕмбынӕг дӕ цардыуагмӕ ӕмӕ цӕуыл ахуыр кӕныс, уымӕ; афтӕ кӕн иудадзыг. Уӕд дӕхи дӕр фервӕзын кӕндзынӕ ӕмӕ дӕм чи хъусы, уыдоны дӕр.
