1 Ныр та уӕм, ӕфсымӕртӕ, хатӕм ӕмӕ уын лӕгъстӕ кӕнӕм Йесо Чырыстийы номӕй: куыд цӕрын хъӕуы ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕ куыд ӕлхӕнын хъӕуы, ууыл уӕ мах куыд сахуыр кодтам, кӕд цӕргӕ дӕр афтӕ кӕнут, уӕддӕр ут ноджы ӕнувыддӕр. 2 Сымах хорз зонут, Хицау Йесойы номӕй уын цы бафӕдзӕхстам, уыдӕттӕ. 3 Хуыцауӕн фӕндон у уӕ сыгъдӕг цард: уӕхи бахизут хӕтынӕй. 4 Алчидӕр уӕ сахуыр уӕд йӕ буар Хуыцауы фӕндиаг ӕнӕкъӕмӕй дарыныл, 5 Ӕмӕ Хуыцауы чи нӕ зоны, уыцы муртаттау чъизи мондӕгты коммӕ ма кӕсут. 6 Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй сымахӕй уыцы хъуыддаджы йе 'фсымӕры тӕригъӕды мачи бацӕуа ӕмӕ йӕ ма асайа йӕхи пайдайӕн. Уымӕн ӕмӕ уын мах раздӕр куыд дзырдтам ӕмӕ уын куыд фӕдзӕхстам, афтӕ ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй мастисӕг Хицау у. 7 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау мах сӕвзӕрста чъизи цардӕй цӕрынмӕ нӕ, фӕлӕ сыгъдӕг цардӕй цӕрынмӕ. 8 Уӕдӕ хивӕнд чи у, уый адӕймаджы коммӕ нӕ, фӕлӕ уӕ Йӕ Сыгъдӕг Удӕй Чи схайджын кодта, уыцы Хуыцауы коммӕ нӕ кӕсы. 9 Ӕфсымӕрты уарзыны тыххӕй уӕм фыссын уӕвгӕ дӕр нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ кӕрӕдзийы уарзын сымахӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд у. 10 Ӕмӕ ныр сымах ахӕм цӕстӕй кӕсут ӕгас Македонийы ӕппӕт ӕфсымӕртӕм. Курӕм уӕ, ӕфсымӕртӕ: ут ноджы ӕнувыддӕр, 11 Зӕрдиагӕй тырнут сабыр цардӕй цӕрынмӕ; алчидӕр аразӕд йӕ хъуыддаг ӕмӕ кусӕд йӕхи къухтӕй, мах уын куыд фӕдзӕхстам, афтӕ. 12 Уӕд ӕнӕуырнджыты раз уӕ цард уыдзӕн нывыл, ӕмӕ хъуаг ницӕмӕй ӕййафдзыстут. Чырыстийы дыккаг ӕрцыд 13 Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, чи амарди, уыдоны тыххӕй, ӕмӕ зӕрдӕдарӕн кӕмӕн нӕй, уыдонау хъынцъымы ма ӕфтат. 14 Мах ӕууӕндӕм, Йесо кӕй амард ӕмӕ райгас, ууыл. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕд Йесойыл ӕууӕндгӕйӕ чи амарди, уыдоны дӕр Хуыцау Чырыстиимӕ ӕркӕндзӕн Йӕхимӕ. 15 Мах уын ныртӕккӕ цы зӕгъӕм, уый Хицауы ныхас у: Хицауы ӕрцыдмӕ махӕй удӕгасӕй чи баззайа, уыдон мӕрдты разӕй нӕ фӕуыдзысты. 16 Уымӕн ӕмӕ уӕларвон бардзырд ӕмӕ архангелы хъӕлӕс куыддӕр райхъуысой, Хуыцауы сыкъауадындз куыддӕр ныууаса, афтӕ Хицау Йӕхӕдӕг ӕрцӕудзӕн уӕларвӕй, ӕмӕ райгас уыдзысты, Чырыстийыл ӕууӕндгӕйӕ чи амард, уыдон. 17 Уый фӕстӕ мах, удӕгасӕй баззайджытӕ, уыдонимӕ ист ӕрцӕудзыстӕм ӕврӕгътыл, уӕлдӕфы фембӕлдзыстӕм Хицауимӕ, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕдзух дӕр уыдзыстӕм Йемӕ. 18 Уыцы дзырдтӕй рӕвдаут уӕ кӕрӕдзийы.
