IBT
Audio:
Drama
  • Drama
  • Non-Drama
Text Size

1 Петр 5 - Ossetic - 2003 Edition - Bible.is - OSSIBT

  1  Фыссын уӕ аргъуаны хистӕртӕм. Ӕз дӕр дӕн аргъуаны хистӕр, Чырыстийы тухӕнтӕн ӕвдисӕн, ӕмӕ, цы намыс хъуамӕ раргом уа, уымӕй чи схайджын уыдзӕн, уыдонӕй иу. Курын уӕ:   2  Сымахыл кӕй бафӕдзӕхстӕуыд, Хуыцауы уыцы дзуг ӕнӕбары, ӕфтиаджы тыххӕй ма хизут, фӕлӕ зӕрдиагӕй, ӕнувыдӕй – Хуыцауӕн фӕндонӕй.   3  Уӕ бӕрны чи ис, уыдонӕн ӕлдӕрттӕ ма ут, фӕлӕ дзугӕн ут фӕзминаг.   4  Ӕмӕ Хистӕр Фыййау куы ӕрцӕуа, уӕд райсдзыстут ӕнӕмӕлгӕ намысы хӕрзиуӕг.   5  Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, кӕсут хистӕрты коммӕ. Уырнджытӕ, уеппӕт дӕр кӕрӕдзийы раз ут сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».   6  Уӕдӕ уӕхи ӕрныллӕг кӕнут хъомысджын Хуыцауы раз ӕмӕ, афон куы ралӕууа, уӕд уӕ сбӕрзонд кӕндзӕн.   7  Уеппӕт сагъӕстӕ бакӕнут Йӕ бар, уымӕн ӕмӕ Йӕ мӕт сымахыл у.   8  Ут къӕрцхъус ӕмӕ цырд лӕуут, уымӕн ӕмӕ уӕ фыдгул хӕйрӕг цӕуы богътӕгӕнӕг домбайау ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, ахӕмты.   9  Фидар уырнындзинадимӕ ӕрлӕуут йӕ ныхмӕ – уе 'фсымӕртӕ дӕр ӕппӕт дунейы ахӕм тухӕнтӕ кӕй ӕвзарынц, уый сымах зонут.   10  Исдуг ӕвзардзыстут тухӕнтӕ, фӕлӕ алы хорзӕх дӕр Кӕмӕ ис, уыцы Хуыцау уӕ сӕвзӕрста Чырыстиимӕ иугондӕй Йӕ мыггагмӕйы намысӕй хай райсынмӕ, ӕмӕ уын Йӕхӕдӕг ратдзӕн ног тыхтӕ, скӕндзӕн уӕ удвидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ хъаруджын.   11  Паддзахиуӕг кӕнӕд мыггагмӕ! Амен.   12  Ацы цыбыр фыстӕг уӕм ныффыстон, иузӕрдионыл кӕй нымайын, уыцы ӕфсымӕр Силуаны ӕххуысӕй. Фӕнды мӕ сымах фӕныфсджын кӕнын, цы хорзӕхы фӕдыл фыссын, уый Хуыцауы ӕцӕг хорзӕх кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн ныллӕууын. Фидар хӕцут уыцы хорзӕхыл.   13  Саламтӕ уын дӕттынц, сымахау Хуыцау кӕй сӕвзӕрста, Вавилоны уыцы аргъуан, стӕй мӕ хъӕбул Марк.   14  Кӕрӕдзийӕн салам дӕттут ӕфсымӕрон уарзты байӕ. Фарн уеппӕтӕн дӕр – Чырыстиимӕ чи ис, уыдонӕн.