IBT
Audio:
Drama
  • Drama
  • Non-Drama
Text Size

1 Петр 3 - Ossetic - 2003 Edition - Bible.is - OSSIBT

  1  Афтӕ сымах дӕр, устытӕ, кӕсут уӕ лӕгты коммӕ, Хуыцауы ныхасӕн дзы чи нӕ сӕтты, цӕмӕй уыдонӕн зӕгъын дӕр ма бахъӕуа, фӕлӕ сӕ Хуыцаумӕ ӕрхона сӕ устыты цард,   2  Уымӕн ӕмӕ фендзысты, сымах кӕй цӕрут сыгъдӕгӕй ӕмӕ уӕм кӕй ис Хуыцауы тас.   3  Ӕддаг бакастӕй чи зыны, дзыккуты уыцы аив быд, сызгъӕрин фӕлындӕнтӕ кӕнӕ аив дарӕс ма уӕнт уӕ фидауц,   4  Фӕлӕ уӕ зӕрдӕйы уаг, Хуыцауы цӕсты тынг зынаргъ чи у, уыцы ӕвӕлмас ӕмӕ сабыр удыхъӕды ӕнӕмӕлгӕ рӕсугъддзинад.   5  Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи дардта, уыцы сыгъдӕг устытӕ дӕр рагзаманы фидауцджын уыдысты, сӕ лӕгты коммӕ кӕй кастысты, уымӕй.   6  Афтӕ Саррӕ уыд Авраамӕн коммӕгӕс, ӕмӕ йӕ хуыдта йе 'лдар. Кӕд сымах хорз хъуыддӕгтӕ аразут ӕмӕ уыл фӕстӕмӕ ницавӕр тас хӕцы, уӕд Саррӕйы хъӕбултӕ стут.   7  Сымах дӕр, лӕгтӕ, цӕрут уӕ устытимӕ, уыдон лӕмӕгъдӕр кӕй сты, уый ӕмбаргӕйӕ. Аргъ сын кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр уемӕ райсдзысты Хуыцауы хорзӕх – мыггагмӕйы цард. Афтӕмӕй уӕ куывд нӕ фӕкъуылымпы уыдзӕн.   8  Уӕдӕ уеппӕт дӕр ут ӕмзонд, иннӕйы мӕт ӕмӕ цинӕй хайджын, ӕфсымӕруарз, зӕрдӕхӕлар, сӕрныллӕг.   9  Фыдӕхӕн ма фидут фыдӕхӕй, ӕфхӕрӕн ныхасӕн – ӕфхӕрӕн ныхасӕй. Уый нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй курут хорзӕх ӕфхӕрджытӕн – Хуыцау сымах уый тыххӕй ӕрхуыдта. Ӕмӕ уыл уӕд ӕрцӕудзӕн Йӕ хорзӕх.   10  Уымӕн ӕмӕ «тӕхудиаг цардӕй цӕрын ӕмӕ хорз рӕстӕг фенын кӕй фӕнды, уый ма уӕд маргӕвзаг ӕмӕ йӕ дзыхӕй ма рацӕуӕд мӕнгныхас,   11  Ныууадзӕд фыдӕх ӕмӕ аразӕд хорз хъуыддӕгтӕ, зӕрдиагӕй тырнӕд фидыдмӕ.   12  Хицау Йӕ цӕст дары рӕстгӕнджытӕм ӕмӕ сын хъусы сӕ куывдмӕ; фыдгӕнджытӕн та Хицау сӕ ныхмӕ у».   13  Ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм куы тырнат, уӕд уын фыдбылыз чи хъуамӕ сараза?   14  Фӕлӕ кӕд Хуыцауӕн фӕндон хъуыддӕгты тыххӕй тухӕн ӕвзарут, уӕд тӕхудиаг стут; уе 'фхӕрджытӕ уӕ цӕмӕй тӕрсын кӕнынц, уымӕй та ма тӕрсут ӕмӕ ма тыхсут.   15  Зӕрдӕбынӕй кад кӕнут Чырыстийӕн – уӕ Хицауӕн. Уӕ зӕрдӕдарӕны бындурӕй уӕ чи фӕрса, уымӕн кӕддӕриддӕр цӕттӕ ут ӕвӕлмасӕй ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ дзуапп раттынмӕ.   16  Уӕ цӕсгомыл къӕм абадын ма бауадзут, ӕмӕ фӕхудинаг уой, уӕ дзӕбӕх чырыстон цардыл цъыф чи калы, уыдон.   17  Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы фӕндӕй иугӕр хъизӕмар бавзаргӕ куы уа, уӕд ӕй ӕвзӕр хъуыддӕгты бӕсты фӕлтау хорз хъуыддӕгты тыххӕй бавзар.   18  Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр мах Хуыцаумӕ ӕрхоныны охыл уыциу хъизӕмар бавзӕрста – Йӕхӕдӕг ӕназым уыди, афтӕмӕй азымджынты сӕраппонд амарди уыдоны тӕригъӕдты тыххӕй. Йӕ буар Ын амардтой, фӕлӕ уды ӕгъдауӕй райгас,   19  Ӕмӕ афтӕмӕй ацыд ӕмӕ хъусын кодта уац ахст удтӕн –   20  Кӕддӕр Хуыцауӕн чи нӕ басаст, уыдонӕн. Хуыцау сын быхста ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ касти, цалынмӕ Ной нау арӕзта, уӕдмӕ. Уыцы науы ӕрмӕст цалдӕрӕй – аст адӕймаджы – фервӕзтысты доны фӕрцы.   21  Уыцы дон фӕсномыгӕй амыдта донаргъуыдмӕ; донаргъуыд та у буары чъизи ӕрӕхсын нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕн сыгъдӕг цӕсгомимӕ цӕрыны тыххӕй зӕрдӕ бавӕрын Донаргъуыд абон сымах ирвӕзын кӕны Йесо Чырыстийы райгасы фӕрцы –   22  Уый ацыд уӕларвмӕ, бады Хуыцауы рахиз фарс, Йӕ дӕлбар сты зӕдтӕ, уӕларвон барджынтӕ ӕмӕ тыхджынтӕ.