IBT
Audio:
Drama
  • Drama
  • Non-Drama
Text Size

1 Петр 2 - Ossetic - 2003 Edition - Bible.is - OSSIBT

  1  Уӕдӕ ныууадзут алы хӕрам, хин, цӕстмӕми, хӕлӕг ӕмӕ фыдгой.   2  Ноггуырд сабитау кӕддӕриддӕр уӕ зӕрдӕ агурӕд удӕн царддӕттӕг сыгъдӕг ӕхсыр – рӕзты хос уын куыд уа уӕ фервӕзынӕн, афтӕ.   3  Уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат Хицауы хорзӕхы ад.   4  Адӕм Кӕуыл нӕ барвӕссыдысты, фӕлӕ Хуыцау Кӕй сӕвзӕрста ӕмӕ Йын зынаргъ Чи у, ӕрцӕут уыцы Чырыстимӕ – удӕгас дурмӕ.   5  Ӕмӕ сымах дӕр, удӕгас дуртау, уӕхи раттут Хуыцауӕн уӕхицӕй лӕггады хӕдзар самайынӕн, уыдзыстут дзы сыгъдӕг кусджытӕ ӕмӕ Йын Йесо Чырыстийы фӕрцы хӕсдзыстут фӕндиаг нывондтӕ – лӕггад Ын кӕндзыстут Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй.   6  Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фысты загъд ис: «Мӕнӕ Ӕз Сионы ӕвӕрын сӕрӕвӕрӕн – ӕвзӕрст зынаргъ дур, ӕмӕ Йыл чи ӕууӕнды, уый нӕ фӕхудинаг уыдзӕн».   7  Уӕдӕ Уый сымахӕн, уырнджытӕн, хӕзна у, ӕнӕуырнджытӕн та у, «аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, фӕлӕ сӕрӕвӕрӕн чи сси», «кӕуыл фӕкӕлынц ӕмӕ ахауынц, уыцы дур».   8  Хуыцауы ныхасӕн коммӕгӕс кӕй не сты, уый тыххӕй Йыл фӕкӕлынц. Афтӕ сын снысан кодта Хуыцау.   9  Сымах та стут «ӕвзӕрст мыггаг, лӕггадгӕнджытӕ Паддзахӕн, Хуыцау Йӕхи кӕй бакодта, уыцы сыгъдӕг адӕм», талынгӕй уӕ Йӕ диссаджы рухсмӕ Ӕрхонӕджы алӕмӕты хъуыддӕгты тыххӕй куыд хъусын кӕнат.   10  Кӕддӕр Хуыцауы адӕм нӕ уыдыстут, ныр та Йӕ адӕм стут. Кӕддӕр Ын Йӕ хорзӕх нӕ зыдтат, ныр та дзы хайджын стут.   11  Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, курын сымахӕй, ӕцӕгӕлон бӕстӕйы рӕстӕгмӕ цӕрджытӕй: уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды мондӕгты коммӕ ма кӕсут – уыдон уӕ уды ныхмӕ тох кӕнынц.   12  Муртатты ӕхсӕн уӕ цард уӕд фӕзминаг. Фыдгӕнджытӕ цыма стут, уыйау уыл кӕд уыдон цъыф калынц, уӕддӕр уындзысты уӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ скад кӕндзысты Хуыцауӕн, куы ӕрцӕуа, уӕд.   13  Хицауы сӕраппонд коммӕгӕс ут, кӕй бар уыл цӕуы, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр: паддзахӕн – уӕлдӕр хицауиуӕггӕнӕгӕн,   14  Фыдгӕнджыты бафхӕрыны ӕмӕ хӕрзгӕнджыты барӕвдауыны тыххӕй паддзах кӕй сӕвӕры, уыцы хицӕуттӕн.   15  Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы афтӕ фӕнды, цӕмӕй уӕ хорз хъуыддӕгтӕй кӕрон сӕвӕрат ӕнӕзонд адӕмы ӕнӕфенд ныхӕстӕн.   16  Цӕрут сӕрибар адӕмау – Хуыцауы цагъартау. Фӕлӕ уӕ сӕрибар ӕвзӕр митӕ ма расайӕд.   17  Аргъ кӕнут алкӕмӕн дӕр, уарзут ӕфсымӕрты, тӕрсут Хуыцауӕй, нымайут паддзахы.   18  Цагъартӕ, нымайут уӕ хицӕутты ӕмӕ сын ут коммӕгӕс, стӕй зӕрдӕхӕлар ӕмӕ ӕвӕлмас чи у, ӕрмӕст уыдонӕн нӕ, фӕлӕ тызмӕгтӕн дӕр.   19  Уымӕн ӕмӕ исчи ӕназымӕй ӕфхӕрд ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ куы ӕвзара, ӕмӕ Хуыцауимӕ йӕ зӕрдӕ кӕй ис, уый сӕраппонд куы быхса, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у.   20  Уе 'взӕр хъуыддӕгты тыххӕй ӕфхӕрд куы ӕййафат ӕмӕ куы быхсат, уӕд дзы раппӕлинагӕй цы ис? Фӕлӕ кӕд хорз хъуыддӕгтӕ аразут, афтӕмӕй хъизӕмар ӕвзарут ӕмӕ стут фӕразон, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у –   21  Хуыцау уӕ уый тыххӕй сӕвзӕрста. Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр хъизӕмар бавзӕрста сымах сӕраппонд, ӕмӕ уын у фӕзминаг, цӕмӕй цӕуат Йӕ фӕдыл.   22  Чырысти тӕригъӕды никуы бафтыд, ӕмӕ Йӕ дзыхӕй мӕнгныхас никуы рацыди.   23  Дзырдтой Йын ӕвзӕртӕ, фӕлӕ ӕвзӕр ныхасӕй дзуапп нӕ лӕвӕрдта, хъизӕмарӕй Йӕ мардтой, фӕлӕ сӕ никӕмӕ ӕртхъирӕн кодта – ӕппӕт дӕр бакодта Ӕнӕхӕрам Тӕрхонгӕнӕджы ӕвджид.   24  Уый нын нӕ тӕригъӕдтӕ Йӕ буаримӕ систа дзуармӕ, цӕмӕй амӕлӕм тӕригъӕдӕн ӕмӕ цӕрӕм рӕстдзинадӕн. Сымах Йӕ хъӕдгӕмттӕй сдзӕбӕх стут.   25  Уымӕн ӕмӕ сымах уыдыстут дзӕгъӕл фыстау, фӕлӕ ныр раздӕхтыстут уӕ удты Фыййаумӕ ӕмӕ Цӕстдарӕгмӕ.