1 Сымах мӕм цӕй тыххӕй фыстат, ныр та уый фӕдыл: хорз у, нӕлгоймаг сылгоймаджы ӕмгӕрон куы не 'рцӕуа, уӕд. 2 Фӕлӕ хӕтынӕй хи бахизыны тыххӕй алы нӕлгоймагӕн дӕр уӕд йӕхи ус, ӕмӕ алы сылгоймагӕн дӕр уӕд йӕхи мой. 3 Мой хъуамӕ ӕххӕст кӕна, йӕ усы раз ыл цы хӕс ӕвӕрд ис, уый; афтӕ ус дӕр. 4 Усы буарыл цӕуы йӕхи бар нӕ, фӕлӕ йӕ мойы бар. Афтӕ мойӕн дӕр йӕ буарыл йӕхи бар нӕ цӕуы, фӕлӕ йӕ усы бар. 5 Уӕ дыууӕйы дӕр куы фӕнда, уӕд ӕнӕ кӕрӕдзи ут ӕрмӕстдӕр рӕстӕгмӕ – [ком даргӕйӕ ӕмӕ] кувгӕйӕ, уый фӕстӕ ут иумӕ, цӕмӕй уӕ хӕйрӕг ма мондаг кӕна, уӕхиуыл фӕхӕцын кӕй нӕ фӕразут, уый аххосӕй. 6 Ӕниу ӕй бардзырды хуызы нӕ зӕгъын, фӕлӕ уын ахӕм бар ис. 7 Мӕн та фӕнды, цӕмӕй адӕм иууылдӕр уой мӕ хуызӕн, фӕлӕ алкӕмӕ дӕр йӕхи сӕрмагонд курдиат ис Хуыцауӕй: иумӕ – ахӕм, иннӕмӕ – ӕндӕр. 8 Къай кӕмӕн нӕй, уыдонӕн ӕмӕ идӕдз устытӕн та зӕгъын: мӕнау иунӕгӕй куы баззайой, уӕд сын хуыздӕр у. 9 Фӕлӕ кӕд сӕхиуыл хӕцын нӕ фӕразынц, уӕд курӕнт устытӕ ӕмӕ цӕуӕнт моймӕ. Уымӕн ӕмӕ монцы арты судзынӕй лӕг ӕмӕ усӕй цӕрын хуыздӕр у. 10 Усджын ӕмӕ моймӕдзыд чи у, уыдонӕн та ӕз нӕ, фӕлӕ Хицау фӕдзӕхсы: ус йӕ мойы ма ныууадзӕд; 11 Куы йӕ ныууадза, уӕд та мой мауал скӕнӕд, кӕнӕ йӕ моимӕ бафидауӕд; мой дӕр йӕ усӕй ма ахицӕн уӕд. 12 Иннӕтӕн та Хицау нӕ, фӕлӕ ӕз зӕгъын: кӕд ӕфсымӕртӕй искӕмӕн ис ӕнӕуырнӕг ус, ӕмӕ усы фӕнды йемӕ цӕрын, уӕд ӕй лӕг ма ныууадзӕд. 13 Ӕмӕ устытӕй дӕр ӕнӕуырнӕг лӕг кӕмӕн ис, уымӕн кӕд йӕ мойы йемӕ цӕрын фӕнды, уӕд ӕй ус ма ныууадзӕд. 14 Уымӕн ӕмӕ ӕнӕуырнӕг лӕг йӕ уырнӕг усы фӕрцы сыгъдӕг кӕны, ӕмӕ ӕнӕуырнӕг ус дӕр йӕ уырнӕг мойы фӕрцы сыгъдӕг кӕны. Науӕд уӕ цот сыгъдӕг нӕ уаиккой, ныр та сыгъдӕг сты. 15 Кӕд ӕнӕуырнӕджы ахицӕн фӕнды – ахицӕн уӕд; ахӕм уавӕры ӕфсымӕр кӕнӕ хо сӕрибар сты. Хуыцау уӕ фидыдӕй цӕрынмӕ ӕрхуыдта. 16 Ды кӕцӕй зоныс, ус, ӕмӕ дӕ мойы нӕ фервӕзын кӕндзынӕ? Кӕнӕ ды кӕцӕй зоныс, лӕг, ӕмӕ дӕ усы нӕ фервӕзын кӕндзынӕ? 17 Ӕрмӕст алчидӕр цӕрӕд, Хицау ын куыд снысан кодта, афтӕ, ӕмӕ баззайӕд, Хуыцау ӕй цы уавӕры ӕрхуыдта, уыцы уавӕры. Ӕз уый фӕдзӕхсын ӕппӕт аргъуантӕн дӕр. 18 Сунӕтгондӕй дӕ ӕрхуыдта Хуыцау – ма йӕ сусӕг кӕн; ӕнӕсунӕтӕй дӕ ӕрхуыдта – сунӕт ма скӕн. 19 Сунӕт скӕнын дӕр ницы у, сунӕт не скӕнын дӕр ницы у – ӕрмӕст Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрын у ахсджиаг. 20 Алчидӕр баззайӕд, Хуыцау ӕй куы ӕрхуыдта, уӕд цы уыди, уымӕй. 21 Цагъайрагӕй дӕ ӕрхуыдта – ма йыл тыхс; фӕлӕ кӕд дӕ бон сӕрибар райсын у, уӕд дын хуыздӕр уыдзӕни уыцы фадатӕй спайда кӕнын 22 Уымӕн ӕмӕ Хицау кӕй ӕрхуыдта, уыцы цагъары Хицау ссӕрибар кодта; сӕрибарӕй кӕй ӕрхуыдта, уый та Чырыстийы цагъар у. 23 Сымах стыр аргъӕй балхӕдӕуыд – ма сут цагъартӕ адӕймагӕн. 24 Ӕфсымӕртӕ, кӕй цы уавӕры ӕрхуындӕуыд, алчидӕр уыцы уавӕры баззайӕд Хуыцауы раз. 25 Ӕнӕцыд чызджыты ӕмӕ ӕнӕус лӕппуты тыххӕй мын Хицау нӕ бафӕдзӕхста, фӕлӕ Хицау кӕй схорзӕхджын кодта ӕмӕ ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм адӕймагау уын уынаффӕ кӕнын. 26 Мӕ хъуыды ахӕм у: абоны зынтӕм гӕсгӕ адӕймагӕн хуыздӕр у, цы уавӕры ис, уыцы уавӕры баззайын. 27 Дӕ усимӕ къайадӕй баст дӕ? Йӕ фехалыныл ма архай. Усимӕ баст нӕ дӕ? Ус ракурыныл ма архай. 28 Ӕниу, ус куы ракурай, уӕд уымӕй тӕригъӕды не 'фтыс; ӕмӕ чызг мой куы скӕна, уӕд уый дӕр уымӕй тӕригъӕды не 'фты. Фӕлӕ ахӕмтӕ сӕ царды ӕвзардзысты зынтӕ, ӕмӕ уыл мӕ зӕрдӕ риссы. 29 Ӕз уын зӕгъын, ӕфсымӕртӕ: рӕстӕг бирӕ нал баззад, ӕмӕ устытӕ кӕмӕн ис, уыдон нырӕй фӕстӕмӕ хъуамӕ уой, цыма сын устытӕ нӕй, афтӕ. 30 Кӕуджытӕ хъуамӕ ма уой кӕуджытау; цингӕнджытӕ – цингӕнджытау; ӕлхӕнджытӕ хъуамӕ уой, цыма сӕ къухы ницы бафтыд, уыйау. 31 Ацы дунейы хорзӕхтӕй чи пайда кӕны, уыдон хъуамӕ уой афтӕ, цыма дзы нӕ пайда кӕнынц. Уымӕн ӕмӕ мах цы дуне уынӕм, уымӕн йӕ кӕрон ӕрцӕуы. 32 Мӕн та фӕнды, цӕмӕй сымах уат ӕнӕмӕт. Ӕнӕус мӕт кӕны Хицауы хъуыддагыл, Хицауы зӕрдӕ балхӕныныл. 33 Усджын та мӕт кӕны зӕххон хъуыддӕгтыл, йӕ усы зӕрдӕ балхӕныныл. Моймӕдзыд ӕмӕ ӕнӕцыд чызг ӕмхуызон не сты. 34 Ӕнӕмой мӕт кӕны Хицауы хъуыддагыл, [Хицауы зӕрдӕ балхӕныныл,] цӕмӕй буарӕй дӕр ӕмӕ удӕй дӕр уа сыгъдӕг. Моймӕдзыдӕн та йӕ мӕт у зӕххон хъуыддӕгтыл, йӕ мойы зӕрдӕ балхӕныныл. 35 Ӕз уын уӕ бартӕ байсынмӕ нӕ хъавын, фӕлӕ зӕгъын уӕ пайдайӕн, цӕмӕй Хицауӕн кусат нывыл, ӕнувыдӕй, ӕмӕ уӕ мацы къуылымпы кӕна. 36 Кӕд искӕмӕн йӕ чындздзон чызг моймӕдзыд кӕй нӕма у, уый йӕм худинаг кӕсы, уӕд йӕ бар йӕхи – йӕ чызджы раттӕд моймӕ; уымӕй тӕригъӕды нӕ бафтдзӕн. 37 Фӕлӕ йӕ бар йӕхи кӕмӕн у, афтӕмӕй йӕ чызджы ӕнӕцыдӕй ныууадзыны фӕнд фидарӕй чи скодта, ӕмӕ йӕ фӕнд нӕ аивыны тых кӕмӕ ис, уый раст кӕны. 38 Уӕдӕ йӕ чызджы моймӕ чи дӕтты, уый раст кӕны; чи йӕ нӕ дӕтты, уый та ноджы хуыздӕр кӕны. 39 Усӕн цалынмӕ йӕ лӕг удӕгас у, уӕдмӕ йемӕ баст у. Йӕ лӕг куы амӕла, уӕд кӕмӕ ӕрцӕуа, уый йӕхи бар у, ӕрмӕст Хицауыл ӕууӕндӕгӕй хъуамӕ смой кӕна. 40 Фӕлӕ уыцы ус, мӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ, куы нал смой кӕна, уӕд тӕхудиагдӕр уыдзӕн. Мӕнмӕ та афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕз дӕр хайджын дӕн Хуыцауы Удӕй.
