1 Уӕдӕ нӕ сымах хъуамӕ нымайат Чырыстийы кусджытыл, Хуыцау Йӕ сусӕгдзинӕдтӕ кӕуыл баууӕндыди, уыдоныл. 2 Ӕмӕ ахӕм ӕууӕнкӕй чи фӕхайджын, уыдонӕй домдӕуы сӕхи иузӕрдионӕй равдисын. 3 Сымах кӕнӕ иннӕ адӕм мӕнӕн цы аргъ кӕнынц, уый мӕ не 'ндавы. Ӕз мӕхӕдӕг дӕр мӕхицӕн аргъгӕнӕг нӕ дӕн. 4 Кӕд мӕ зӕрдӕ мӕхимӕ ницӕмӕй ӕхсайы, уӕддӕр уымӕй мӕхи нӕ раст кӕнын; тӕрхонгӕнӕг мын Хицау у. 5 Уӕдӕ афонӕй раздӕр тӕрхон ма кӕнут, цалынмӕ Хицау ӕрцӕуа, уӕдмӕ – Уый хурмӕ рахӕсдзӕни талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ, раргом кӕндзӕни зӕрдӕйы фӕндтӕ, ӕмӕ уӕд Хуыцауӕй алчидӕр райсдзӕн йӕ хӕрзиуӕг. 6 Ӕз цы дзырдтон, ӕфсымӕртӕ, уый уӕ сӕраппонд мӕхи ӕмӕ Аполлосы тыххӕй загътон, цӕмӕй мах бафӕзмат, фыст цы у, уый сӕрты нӕ хизыныл – иу адӕймагӕй сӕрыстыр ма уат, иннӕйыл та дӕлӕмӕ ма хӕцат. 7 Дӕу уӕлдӕр чи ӕвӕры? Цыдӕриддӕр дӕм ис, уый Хуыцауӕй нӕ райстай, ӕви? Ӕмӕ йӕ кӕд Хуыцауӕй райстай, уӕд цы ӕппӕлыс, цыма дӕхи у, афтӕ? 8 Сымахмӕ ныридӕгӕн фагӕй фылдӕр ис ӕппӕт дӕр, ныридӕгӕн схъӕздыг стут, ӕнӕ мах систут паддзӕхтӕ. Бӕргӕ паддзахиуӕг ӕцӕгӕй куы кӕниккат, цӕмӕй мах дӕр уемӕ суӕм паддзӕхтӕ! 9 Уымӕн ӕмӕ мӕнмӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ мах, апостолты, Хуыцау сӕвӕрдта тӕккӕ цауддӕрты бынаты – цыма нын рахастӕуыд, адӕм нӕм куыд кӕсой, афтӕмӕй амарыны тӕрхон. Махыл йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта дун-дуне – зӕдтӕ ӕмӕ адӕм. 10 Мах ӕнӕзонд стӕм Чырыстийы сӕраппонд, сымах та зондджын чырыстӕттӕ стут; мах ӕдых стӕм, сымах та – тыхджын; сымах кадджын стут, мах та – ӕгад. 11 Суанг абон дӕр ӕййафӕм стонг ӕмӕ дойны, бӕгънӕг, нӕмынц нӕ, рахау-бахау кӕнӕм, 12 Нӕхи цӕнгтӕй кӕнӕм уӕззау куыст. Ӕлгъитынц нӕ, мах та сын Хуыцауӕй хорзӕх курӕм. Ӕфхӕрынц нӕ, ӕмӕ мах фӕразӕм. 13 Цъыф ныл калынц, мах та сӕ нӕ дзыхыныхасӕй рӕвдауӕм. Мах абонмӕ дунейӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр стӕм быронау. 14 Ӕз уыдӕттӕ уый тыххӕй нӕ фыссын, ӕмӕ уӕхиуыл ӕрхудат, фӕлӕ уын, уарзон хъӕбултӕн амонӕгау, зонд амонын. 15 Кӕд уын бирӕ чырыстон хъомылгӕнджытӕ ис, уӕддӕр уын фыдӕлтӕ бирӕ нӕй – фарны уац уӕм ӕрхӕссыны фӕрцы Йесо Чырыстийы хъаруйӕ ӕз сдӕн уӕ ныййарӕг. 16 Уымӕ гӕсгӕ уӕ зӕрдиагӕй курын: фӕзмут мӕ [ӕз Чырыстийы куыд фӕзмын, афтӕ]. 17 Уый тыххӕй уӕм арвыстон Тимофейы – Хицауыл иузӕрдион чи у, мӕ уыцы уарзон хъӕбулы. Уӕ зӕрдыл уын ӕрлӕууын кӕндзӕн, Йесо Чырыстийы мӕ цардӕй куыд фӕзмын, уый; мӕ уыцы цард у, алы аргъуаны дӕр цӕуыл ахуыр кӕнын, уымӕ гӕсгӕ. 18 Сымахӕй чидӕртӕ схъал сты – афтӕ сӕм кӕсы, цыма ӕз сымахмӕ нал ӕрцӕудзынӕн. 19 Фӕлӕ кӕд Хицауы бафӕнда, уӕд уӕм рӕхджы ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уыцы хъалтӕн бафӕлвардзынӕн сӕ ныхӕстӕ нӕ, фӕлӕ сӕ хъару, 20 Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ хъаруйӕ у. 21 Куыд уӕ фӕнды? Лӕдзӕгимӕ уӕм ӕрцӕуон, ӕви уарзондзинадимӕ ӕмӕ ӕвӕлмасӕй?
