1 Ныр та сыгъдӕджытӕн ӕххуысы тыххӕй. Сымах хъуамӕ бакӕнат, ӕз Галатийы аргъуантӕн куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ. 2 Къуырийы фыццаг бон сымахӕй алчидӕр рахицӕн кӕнӕд, йӕ мулк куыд амоны, уыйбӕрц ӕмӕ йын уӕд цӕттӕ, ӕз уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд уӕ уыцы ӕххуыс ӕмбырдгӕнинаг куыд нал уа, афтӕ. 3 Ӕз уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд сымах аккагыл кӕй банымайат, уыдоны арвитдзынӕн фыстӕджытимӕ, цӕмӕй Иерусалиммӕ фӕхӕццӕ кӕной уӕ лӕвар. 4 Кӕд мӕн дӕр ацӕуын бахъӕуа, уӕд ацӕудзысты мемӕ. 5 Ӕз уӕм ӕрцӕудзынӕн, Македонийыл куы ахизон, уӕд. Уымӕн ӕмӕ мӕ фӕндаг Македонийыл уыдзӕн. 6 Ӕз уӕм, чи зоны, афӕстиат уон, чи зоны, зымӕг дӕр сымахмӕ арвитон, ӕмӕ мӕ сымах срӕвдз кӕндзыстут, кӕдӕм цӕуон, уырдӕм. 7 Нӕ мӕ фӕнды ныртӕккӕ сымахмӕ ӕхстуадӕй бацӕуын, фӕлӕ кӕд Хицауы бафӕнда, уӕд мӕ зӕрдӕ дарын иуцасдӕр уӕм баззайыныл. 8 Эфесы та уыдзынӕн Хорысӕры бӕрӕгбонмӕ – 9 Уымӕн ӕмӕ кӕд мӕ ныхмӕлӕуджытӕ бирӕ сты, уӕддӕр мын ис парахатӕй ӕмӕ ӕнтыстджынӕй кусыны фадат. 10 Кӕд уӕм Тимофей ӕрцӕуа, уӕд бацархайут, сымахмӕ йын ӕдас цӕмӕй уа, ууыл. Уымӕн ӕмӕ уый дӕр, мӕнау, Хицауӕн кусы. 11 Ӕмӕ йыл ӕнӕрвӕссон мачи уӕд. Ифтонгӕй йӕ афӕндараст кӕнут фарнимӕ, цӕмӕй ӕрцӕуа мӕнмӕ – иннӕ ӕфсымӕртимӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсын. 12 Ныр та не 'фсымӕр Аполлосы тыххӕй. Ӕз ӕм тынг ӕрхатыдтӕн сымахмӕ ӕфсымӕртимӕ ацӕуыны тыххӕй. Фӕлӕ йӕ ныртӕккӕ ницы хуызы бафӕндыд; фадат ын куы фӕуа, уӕд уӕм ацӕудзӕн. 13 Къӕрцхъус ут, уӕд уӕм фидар уырнындзинад, ут ӕхсарджын ӕмӕ хъӕддых. 14 Уӕ алы хъуыддаджы дӕр ӕвдисут уарзондзинад. 15 Ахайы фыццагдӕр Стефан ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ кӕй баууӕндыдысты ӕмӕ сыгъдӕджытӕн лӕггад кӕнынӕн сӕхи кӕй снывонд кодтой, уый уын зындгонд у. Курын уӕ, ӕфсымӕртӕ, 16 Сӕ коммӕ кӕсут ахӕмтӕн, стӕй ацы хъуыддаджы семӕ чидӕриддӕр фӕллой кӕны, уыдонӕн дӕр. 17 Сымах мемӕ кӕй не стут, уый мын баххӕст кодтой Стефан, Фортунат ӕмӕ Ахаик. Райын се 'рцыдыл. 18 Уыдон мӕнӕн дӕр ӕмӕ сымахӕн дӕр ӕрхастой удӕнцой. Ахӕмтӕ уӕм уӕнт нымады. 19 Салам уын дӕттынц Асийы аргъуантӕ; зӕрдиаг чырыстон салам уын дӕттынц Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ, стӕй сӕ хӕдзары цы аргъуан ӕмбырд кӕны, уый дӕр. 20 Салам уын дӕттынц ӕппӕт ӕфсымӕртӕ. Кӕрӕдзийӕн салам дӕттут ӕфсымӕрон байӕ. 21 Ӕз, Павел, ацы салам фыссын мӕхи къухӕй. 22 Хицауы [Йесо Чырыстийы] чи нӕ уарзы, уый ӕлгъыст фӕуӕд. Марана та! 23 Нӕ Хицау Йесойы хорзӕх уӕ уӕд. 24 Ӕз уарзын уеппӕты дӕр – Йесо Чырыстиимӕ иудзинад кӕмӕн ис, уыдоны.
